Гуырдзыстоны минæварад Израилы - Минæварады алы кусæг дæр баиу вæййы уацайрæгты бинонты æмæ æнæхъæн Израилы паддзахады цинмæ
Израилы Гуырдзыстоны минæварады алы кусæг дæр баиу вæййы уацарæгты бинонты æмæ æнæхъæн Израилы паддзахады цинмæ – уый фæдыл минæварады информацийы ис фыст.
«Уацайрæгты æрыздæхт у рухсы тын æмæ нæ ныфсæй байдзаг кæны. Фæнды сын зæгъын, цæмæй тагъд сдзæбæх уой æмæ сæ цард æнтыстджынæй адарддæр уа. Цины æмрæнхъ мæлæты тыххæй хъыг дæр нæ æрсабыр вæййы», — дзырдæуы минæварады информацийы.
Æдæппæтæй ХАМАС-ы ахст уыд 20 уацайрагы. ХАМАС уацайрæгты дыууæ этапæй ссæрибар кодта. Фыццаг этапыл «ХАМАС» авд уацары ссæрибар кодта, æмæ уыдон ныридæгæн сты Израилы. Сæрибаргонд уацайрæгтæ Реймсы быдырон рынчындоны уæлæмхас медицинон басгæрст ацæудзысты, цы ран сæ бинонты уæнгтимæ фембæлдзысты. Уымæй уæлдай ма, «ХАМАС» баззайæг 13 уацайрæгты радта Сырх Дзуарæн æмæ сæ æввахс сахатты ссæрибар кæндзысты.
Израилы фарс дæр цæттæ кæны ахæстты ссæрибар кæнынмæ, кæцы хъуамæ ратта «ХАМАС»-мæ 250 палестинæйаг ахæсты æмæ 1700 газæйаджы, се æхсæн 22 сывæллоны.