Гуырдзыстоны минæварад Израилы Гуырдзыстоны æмбæстæгтæм сиды бынæттон хицауады амынддзинæдтæ æххæст кæной
Гуырдзыстоны минæварад Израилы Гуырдзыстоны æмбæстæгтæм сиды бынæттон хицауады амынддзинæдтæ æххæст кæной

Гуырдзыстоны минæварад Израилы Гуырдзыстоны æмбæстæгтæм сиды бынæттон хицауады амынддзинæдтæ æххæст кæной.

Минæварад парахат кæны æмбæлон амынддзинæдтæ социалон хызы.

«Гуырдзыстоны æмбæстæгты хъусдардæн, уæвæг уавæр хынцгæйæ, кæд æмæ уæззау у æдасдзинады уавæр, зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм уыцы рекомендацитæ, кæцытæ хъуамæ æххæстгонд æрцæуой ситуацийы эскалацийы цауы.

 

„წითელი განგაშის“ სიგნალის ჩართვის შემდეგ აუცილებელია დაიცავით ადგილობრივი ხელისუფლების ინსტრუქციები:
დაუყოვნებლივ მოძებნეთ თავშესაფარი (სასურველია, წინასწარ იცოდეთ უახლოესი თავშესაფრის ან დაცული სივრცის ადგილმდებარეობა); შენობაში ყოფნის დროს დახურეთ კარ-ფანჯარა, შედით შენობაში არსებულ დაცულ სივრცეში; ქუჩაში ყოფნის შემთხვევაში – თუ ახლოს არ მდებარეობს სპეციალური თავშესაფარი დაწექით მიწაზე სახით ქვევით და ხელებით დაიფარეთ თავი; ავტომობილში ყოფნის შემთხვევაში – გააჩერეთ ავტომობილი გზის პირად, გადმოდით მანქანიდან და მოძებნეთ უახლოესი თავშესაფარი. თუ ვერ პოულობთ მსგავს ადგილს, დაწექით მიწაზე სახით ქვევით და ხელებით დაიფარეთ თავი.

 

 

«Сырх хъусынгæнинаджы» сигнал куы скуса, уæд хъæуы бынæттон хицауады амынддзинæдтæ æххæст кæнын:
Æвæстиатæй агурут æмбæхсæн бынат (æмбæлы рагацау базонын, хæстæгдæр æмбæхсæн кæнæ хъахъхъæд бынат кæм ис, уый); бæстыхайы уæвгæйæ, æхгæнут дуæрттæ æмæ рудзгуытæ, бацæут бæстыхайы хъахъхъæд бынатмæ; кæд уынджы дæ — кæд æмæ хæстæг сæрмагонд æмбæхсæн нæй, уæд æрхуысс дæ цæсгом зæххыл æмæ дæ сæр дæ къухтæй æмбæрз; кæд автомобилы дæ, уæд  фæндаджы бауром,  рахиз æмæ хæстæгдæр æмбæхсæн бынат агур. Кæд ахæм бынат нæ ссарай, уæд дæ дæлгомæй  зæххыл æрхуысс æмæ дæ къухтæй дæ сæр æрæмбæрз.

Афтæ дæр уæ фæдзæхсæм, цæмæй бынæттон хицауады рекомендацитæм гæсгæ, бæстыхайы бахизæны æмбæстæгтæн æрлæууын  бар нæй; дæ бон у бæстыхайæ ацæуын 10 минуты фæстæ тревогæйы сигналы фæуды фæстæ, кæд æндæр амынд нæу, уæд; æрхаугæ хæдтæхæгмæ кæнæ æндæр ахæм объектмæ æввахс кæнын нæй бар. Кæд ахæм ис, уæд фехъусын кæнут полицæйæн.

Туристон нысанæй Израилмæ чи цæуы, уыцы адæм хъуамæ сæхи бауромой сæ уазæгдæттæй ацæуынæй æмæ туристон бынæттæм ацæуынæй, тревогæйы сигнал куы уа, уæд. Хизут æппæт æмбырдгæнæн бынæттæй. Хизут ахæм бынæттæй, цыран барадхъахъхъæнæг органты минæвæрттæ бирæ сты.

Æдасдзинады фæдыл æфтауц информаци Израилы хъахъхъæнынады тыхты хæдзарон фронты командæйы веб-фарсыл уыдзæн. Стæй ма, æркæсут минæварады сыфтæм ног информацийы тыххæй.

Куы бахъæуа, уæд бадзурут Израилы паддзахады Гуырдзыстоны минæварадмæ ахæм номыртыл: +972 526 919092; тæвд хахх 24/7.

Нæ зæрдæ зæгъы сабырад Израилæн æмæ Израилы цæрджытæн» – ис фыст минæварады расидæны.