Гуырдзыстоны минæвар Египеты - Гуырдзыстоны æмбстæгты, Геннадий Комахидзе æмæ Роман Какаладзе барты сæрыл дзурын махæн у иуæй-иу сæйрагдæр приоритет
Гуырдзыстоны  минæвар Египеты - Гуырдзыстоны æмбстæгты, Геннадий Комахидзе æмæ Роман Какаладзе барты сæрыл дзурын  махæн у   иуæй-иу сæйрагдæр приоритет

Ливийы  ахст  Гуырдзыстоны æмбстæгты  интересты  æмæ законон  барты хъахъъæнын  у   иуæй-иу сæйраг приоритет  æддагполитикъон уагдоны æмæ   нæ  минæварадæн –  уый фæдыл  1tv.ge-йæн фекхъусын кодта  Гуырдзыстоны минæвар Египеты  Александр Налбандов.

1tv.ge фарста минæвары, Ливийы  ахст  Гуырдзыстоны  дыууæ  æмбæстагы  тыххæй. Хъуыддаг æххæссы   нау  REX-ы экипажы  уæнгты, Геннадий Комахидзе æмæ Роман Какаладземæ, кæцыты   æрцахстой  2017 азы  августы,   паддзахадон арæныл æнæзакъононæй  ахизыны тыххæй.  Хъуыддаджы æркаст Ливийы  сырæздзæн  20 майы.

Налбандов куыд банысан кодта  афтæмæй,    координацигонд куыст хъуыддаджы баст   алы фарсимæ  уагъд  цæуы  æрвылюойнон режимæй,  Гуырдызстоны æмбæстæгты  уавæр  фæхуыздæр кæнын,   се ссæрибар кæнын  æмæ  фыдыбæстæмæ æрыздæхыны  тыххæй.

«Фæлæ   æнæмæнгхъæугæ  у  иу  ахсджиаг аууæл зæрдыл бадарын –  ацы  уголовон хъуыддаджы   равзæрст  æмæ  тæрхоныскуыд сты   ливийаг   фæдæвзарæг  оргæнты  æмæ расттæрхоны   компетенци,  кæцы априори  цух кæны  æртыккаг уæнгы комкоммæ хифæкæнд кæнæ  æндæвдад» – райхъусын кодта Гуырдызстоны минæвар  Египеты.

Налбандовы информацийæ,   ныр  Ливийы æмбæлон оргæнтæ   уадзынц развæлгъау   фæдæвзарæн,  Комахижхе æмæ  Какаладзейы  уголовон хъуыддаджы  фæдыл,  кæцыйы фæлгæтты  20 маймæ  уыд нысангонд  тæрхоны  рабадт.

Йæ ныхæстæм гæсмгæ  Гуырдызстоны  фæсарæн хъуыддæгты министрад  æххæст кæны   орегулярон коммуникаци   ахæстты   бинонтимæ æмæ  мксималонæй  æххуыс кæнынц   ахæсттæн  сæ бинонтимæ  комкоммæ  телефонон коммуникацийы  хъуыддаджы.

«Хорз æмбарæм  цæмæй   амæн ис  егъау нысаниуæг  не  мбæстæгтæн, кæцытæ ныр  дæттынц  уæззау  фæлварæн» – бафтыдта ма  Гуырдзыстоны  минæвар Египеты.