Гуырдзыстоны мидхъуыдтæгты министр Гека Геладзе Денджызон æдасдзинады фæдыл æхсæнуагдонон советы рабадт сарæзта
Гуырдзыстоны мидхъуыдтæгты министр Гека Геладзе Денджызон æдасдзинады фæдыл æхсæнуагдонон советы рабадт сарæзта

Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министр, Гека Геладзейы сæргълæудæй, Денджызон æдасдзинады фæдыл æхсæнуандонон советы рабадт сырæзт денджызон операцитæн иумæйаг фæткдæттыны центры.

Мидхъуыддæгты министрады информацимæ гæсгæ, рабадтыл фæныхас кодтой Денджызон операциты къухдариуæгады иумæйаг центры архайдыл, Сау Денджызы уæвæг уавæрыл, æдасдзинады фарстатыл æмæ рискътыл.

«Советы уæнгтæ æруынаффæ кодтой Гуырдзыстоны раз лæууæг фæстаг дунеон цауты руаджы, афтæ дæр сбæлвырд кодтой Иумæйаг Денджызон Операциты Центры приоритеттæ æмæ æруынаффæ кодтой фидæны плæнтты тыххæй.Уымæй дарддæр ма, Советы рабадты регламент æмæ боны фæткы æндæр фарстатæ сбæлвырд сты.

Иумæйаг денджызон операциты центр (JMOC) у денджызон æмæ арæнгæрон æдасдзинад сифтонг кæныны уникалон концепци, кæцыйæн ис тынг нысаниуæгджын стратегион æмæ оперативон нысан.

Æхсæнведомствойон совет координаци кæны уæлдæр ранымад центры архайд. Советæн разамынд дæтты мидхъуыддæгты министр. Йæ сконды сты: Арæнгæрон пъæлицæ, Паддзахадон æдасдзинады куыстуат, Хъахъхъæнынады министрад, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад, Алфæмблайы хъахъхъæнынады æмæ хъæууон хæдзарады министрад, Экономикæ æмæ æнæфæцудгæ рæзты министрад, стæй Финансты министрады дæлбар уæвæг уагдæттæ.

Денджызон æдасдзинады фарстаты æхсæнведомствойон советы рабадты фæуды фæстæ, мидхъуыдтæгты министр, Гека Геладзе æмæ советы уæнгтæ былгæрон хъахъхъæды Поты базæйыл инфраструктурæ æмæ ленкгæнæн объекттæ басгæрстой. Арæнгæрон полицийы кусджытæн бузныг расидтис Гека Геладзе бæстæйæн лæггад кæныны тыххæй», -ис фыст МХъМ-ы расидæны.