Мидхъуыддæгты министр Гека Геладзе Гуырдзыстоны Азербайджаны республикæйы уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Фаиг Гулиевимæ фембæлд сарæзта. Уый фæдыл информаци мидхъуыддæгты министрад парахат кæны.
Мидхъуыдтæгты министрады информацийæ, фарсытæ бæстæты æхсæн стратегион партнерады фæдыл фæныхас кодтой.
«Ныхас баххæсыд Цæгат Кавказы регионы цæугæ рæзтытæм æмæ æдасдзинады фарстатæм, банысан кодтой регионы æнæфæцудгæ рæзтæн сабырад æмæ æмгуыстады нысаниуæг.
Фембæлдыл афтæдæр ныхас цыд Гуырдзыстоны æмæ Азербайджаны республикæйы барадхъахъæнджыты æхсæн æнгом, эффективон полицион æмгуыстадыл. Министр равдыста ныфс, цæмæй уæвæг фæзминаг партнердзинад ноджы фæарфдæр уыдзæн æмæ бахахх кодта пъæлицæйы æфсæддонты сæрмагонд роль ацы процессы», — дзырдæуы министрады информацийы.