Гуырдзыстоны Латвийы Республикæйы ног сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæварæй снысан ис Эдит Медне
Гуырдзыстоны Латвийы Республикæйы ног сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæварæй снысан ис Эдит Медне.
Информаци уый фæдыл Латвийы фæсарæн хъуыддæгты министрад публикаци кæны «Твиттеры».
«Зонгæ уын кæнæм Латвийы ног минæвары Гуырдзыстоны, Эдин Меднейы! Уый куыста Ирландийы Латвийы минæварады, Евроцæдисы Латвийы иугæндзон минæварады, къухдариуæг кодта мулкы æмæ инвестицион политикæйы департаментæн æмæ дипломатон уагдæтты департаментæн», – дзырдæуы æддагполитикон уагдоны фидиуæны.
Уыимæ, фæсарæн хъуыддæгты министрад ма публикаци скодта Гуырдзыстоны Латвийы ног минæвары фидиуæн.
« Латви у æмæ баззайдзæн Гуырдзыстоны æууæнкджын парнтенрæй æмæ фарсхæцæгæй Евроатлантикон тырнынадты æмæ реформæты сыххæсты æрдгæй. Разы дæн Латви æмæ Гуырдзыстоны æхсæн экономикон æмæ культурон цæдистæ фæарфдæр кæнынимæ, план кæнын Латвийаг диаспорæимæ æнгом æмкуыст кæнын», – хъусын кæны Эдит Медне.
🗣 Meet the new #Latvian 🇱🇻 Ambassador to #Georgia 🇬🇪 Ms Edīte Medne! She has worked at the Embassy in #Ireland 🇮🇪, the Permanent Representation to #EU 🇪🇺, and headed the Property and Investment Policy Department and the Diplomatic Facilities Department. https://t.co/t1nUHdV8Fh pic.twitter.com/2BKMcJPeZS
— Latvian MFA 🇱🇻 | #StandWithUkraine 🇺🇦 (@Latvian_MFA) August 16, 2022