Гуырдзыстоны лæвар цыппаркомпонентон вакцинæ 15-æм октябры онг уыдзæн лæвæрд
Лæвар гриппы ныхмæ вакцинæ 15-æм октябры онг уыдзæн лæвæрд. Низты контролы националон центры информацимæ гæсгæ, паддзахадон иммунизацийы программæйы фæлгæтты, вакцинаци скæнын кæй фæнды, уыдонæн вакцинаци скæныны фадат уыдзæн октябры дыккаг æмбисæй.
Низты контролы националон центры информацимæ гæсгæ, фыццаг этапыл вакцинæ сæххæст уыдзæн уыцы адæймæгтæн, кæцытæн низы вазыгджындзинады фæбæрзонддæр рискъ ис.
Паддзахадон иммунизацийы программæйы фæлгæтты Гуырдзыстон балхæдта 200 000 дозæ цыппаркомпонентон вакцинæйæ, кæцыйы рекомендаци кæны Дунейы Æнæнизхъахъхъæды Организаци.
Низты контролы æмæ æхсæнадон æнæниздзинады националон центры директоры хæдивæг Паата Имнадзе Гуырдзыстоны фыццаг каналæн куыд расидтис, афтæмæй вакцинæ æрвылаз ивы, уымæн æмæ æрвылаз грипп ног варианттимæ парахат кæны.
«Уымæ гæсгæ, ацы азы вирусы сконд бæрæг цæуы вакцинæйæ, кæцы ныридæгæн æлхæд æрцыд. Æнхъæлмæ кæсæм, вакцинæ Гуырдзыстонмæ 15-æм октябрмæ æрцæудзæн. Вакцинæ, кæцы æлхæд цæуы, у вакцинæ Abbott, дунейы зындгонддæр компанитæй иу, уый у цыппаркомпонентон, ома æртæ вариантæй ноджы фылдæр варианттæ аххæссы. Уый у цыппаркомпонентон вакцинæ», -расидтис Паата Имнадзе.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, вакцинæ алкæмæн дæр лæвар уыдзæн.
«Фыццаджыдæр баст уыдзысты рискъы къордтæ. Вакцинаци райдайдзæн октябры дыккаг æмбисы. Уый бынтон фаг рæстæг у, уымæн æмæ Гуырдзыстоны гриппы сезон фылдæр хатт ноябры кæрон райдайы, гриппы сезон та декабры фылдæр кæнын райдайы. Ныртæккæ улæфæнты вирустæ фиксиргонд сты. Фæззæг у, ноджы тынгдæр та бынтон уазал фæззæг у, уый тыххæй дæр уазал вирустæ ныридæгæн райдыдтой цæуын», -расидтис Паата Имнадзе.