Гуырдзыстоны куыд æхгæд, афтæ гом тыгъдадты дæр, æртæйæ фылдæр адæймагы æмбырдимæ баст арæнæвæрдтæ ивд цæуынц
Гуырдзыстоны куыд æхгæд, афтæ гом тыгъдадты дæр, æртæйæ фылдæр адæймагы æмбырдимæ баст арæнæвæрдтæ ивд цæуынц, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа фехъусын кодта.
Фæлæ йæ ныхæстæм гæсгæ, автотранспортæй змæлды рæстæджы, фæнысангонд арæнæвæрд йæ тыхы баззайдæнис.
«Ивд æрцæуæт арæнæвæрд æртæйæ фылдæр адæймагы æмбырды цæстæнгасæй, куыд æхгæд, афтæ гом тыгъдады.
Фæлæ уый нæ нысан кæны, цæмæй ивд æрцæудзæн арæнæвæрд æртæ адæймагы змæлдыл автотранспортæй.
Ацы арæнæвæрд æнæкæсгæ алцæмæ, у иттæг нысаниуæгджын эпидемиологион цæстæнгасæй, кæцыйы тыххæй нын дзырдтой дохтыртæ æмæ сæм мах нæ хуъс дарæм. Зонут æй, цæмæй профессионалы рекомендацитæ махæн ацы хайы, сæрмагондæй та эпидемиимæ тохы, критиконæй нысаниуæгджын сты», – банысан кодта Гиорги Гахариа.