Гуырдзыстоны коронавирусы æхсæз ног цау сфиксир ис, авд пациенты та сдзæбæх сты
Гуырдзыстоны коронавирусæй фæрынчыны æхсæз ног цау сфиксир ис, – информацийы хъусын кæны низты контролы наицоналон центр.
Центры информацийæ, ацы рæстæгмæ Гуырдзыстоны коронавирусы 701 цау у бæрæг.
Чи снæниз ис уыйдон тыххæй куы зæгъæм, уæд сæ нымæц фæфылдæр ис æмæ ныр у 432.
Ацы рæстæгмæ клиникæты хос кæнынц коронавирусæй рынчынт 257 æмбæстагæн. Гуырдзыстоны коронавирусæй фæмард 12 адæймаг.
Тесттæй басгæрсты тыххæй та низты контролы центры информацийæ, зæгъгæ PCR тестæй фыццагон басгæрст нырид смарзытой 39573 адæймагæн.