Гуырдзыстоны коронавирусæй ноджы иу пациент æрбамард.
Уый фæдыл Фыццаг университетон клиникæйы директор, Леван Ратиани райхъусын кодта.
«Ацы этапыл клиникæйы 115 пациент ис. Вирусæй рынчынтæ сты 86. Реанимацийы ис авд пациент. Нæлгоймаг кæцыйы тыххæй знон дзырдтон, цæмæй уыд уæззау уавæры, абон йæ биологион мæлæт сбæлвырд ис. Йæ кар уыд 83 аздзыд, хроникон патологитæй – зæрдæниз, аритмий. Цы амæлттæ райстам уый æппæт æнæфæстиуæг разынд» – хъусын кæны Леван Ратиани.
Ацы рæстæджы бæрæггæнæнтæй Гуырдзыстоны, корорнавирусæй æхсæз пациент æрбамард.