Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады иу ног цау сфиксир ис, 24 пациент та сдзæбæх сты
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады иу ног цау фæбæрæг ис – уый фæдыл информацийы хъусын кæны низты контролы националон центр.
Центры информацийæ, ацы рæстæгмæ Гуырдзыстоны коронавирусæй фæрынчыны 702 цау у бæрæг.
Чи снæниз ис уыдон тыххæй куы зæгъæм, уæд сæ нымæц 24-æй фæфылдæр æмæ æмтгæй райсгæйæ сты 456.
Ацы рæстæгмæ клиникæты коронавирусæй фæрынчынуæвæг 234 пациентæн хос кæнынц. Гуырдзыстоны ног коронавирусæй фæмард 12 адæймаг.
Афтæма низты контролы центры информацийæ, фыццагон «PCR» тестæй басгæрст ацыдысты 40 711 адæймаг.