Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 988 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 1 595 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 988 ног цау. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 1 595 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 21 пациент амард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй иртæст сырæзт 13 752 адæймагæн, сæ нымæцы – 5 904 антигены тестæй æмæ 7 848 та – «PCR» тестæй.
Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон – 7,18%, фæстæг 14 боны – 4,99%, фæстæг авд боны – 5,47%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 312 445 цау, уыдонæй 293 052 снæниз сты, 4 151 та амард.
Карантины режимы сты 91 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 4 040, клиникон фысымуаты сты 800 уæнгы.