Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 986 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 3 193 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 986 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 3 193 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  986    ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 3 193  пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 71  пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  19 701 адæймагæн, сæ  нымæцы –  12 838  антигены тестæй  æмæ   6 863  та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 5%, фæстаг 14 боны –  5,86%, фæстаг  7 боны  – 5,21%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   925 354     цау, уыдонæй  885 056 сæнæниз сты, 13 583      та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 466 815  адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 2 502.

Карантины режимы сты 43 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 5 070, клиникон фысымуаты ис  903  уæнгы.

Знон, 26  декабры, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  1 661  ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  3 841 пациент, 69 адæймаг та  амард.