Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 968 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 903 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 968 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 903 пациент

 

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  968   ног цау. Уый фæдыл  информаци  Гуырдзыстоны хицауады  специалонæй  арызт веб-фарсыл  stopcov.ge  цъус  рæстæг  размæ   ранæуæг ис.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  снæниз ис   ноджы 903 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 16 пациент  амард.

Ивгъуыд 24  сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй иртæст сырæзт 23 742   адæймагæн, сæ  нымæцы –  12 308 антигены тестæй  æмæ   11 434  та – «PCR» тестæй.

Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон – 4,08%,  фæстæг 14 боны – 4,96 %, фæстæг авд боны – 3,9 %.

Бæстæйы масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  – 88 522  адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 3 130.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   330 375   цау, уыдонæй  308 821 снæниз сты, 4 442 та  амард.

Карантины режимы сты 67  адæймаг, стационары цæстдарды бын – 4 331, клиникон фысымуаты сты 668  уæнгы.