Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 946 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 4 351 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 946 ног цау. Уый фæдыл информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны низты контролы националон центр.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 4351 пациент.
Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 48 пациент амард.
Веб-фарсыл публикацигонд информацийы куыд у банысангонд, уымæ гæсгæйæ, фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй иртæст сырæзт 17 192 адæймагæн, сæ нымæцы – 9 442 антигены тестæй æмæ 7 750 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 5,5%, фæстаг 14 боны – 7,81%, фæстаг 7 боны – 7,36%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 581 815 цау, уыдонæй 545 961 сæнæниз сты, 8 233 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты – 1 507 986 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 14 703.
Карантины режимы сты 85 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 6 186, клиникон фысымуаты сты 1 611 уæнгы.
12 сентябры уавæрæй, Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 1 838 ног цау, сæнæниз ис ноджы 5 189 пациент, 39 пациент та амард.