Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 9 696 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 5 408 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 9 696 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 5 408 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  9 696   ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 5 408     пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 28 пациент  амард.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   1 051 445  цау, уыдонæй  962 035  сæнæниз сты, 14 701   та  амард.

Знон, 22  январы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  11 039  ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  5 199    пациент, 42 адæймаг та  амард.