Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 9 400  ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 18 770 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 9 400 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 18 770 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  9 400  ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 18 770  пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 34 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  32 470   адæймагæн, сæ  нымæцы –  18 284  антигены тестæй  æмæ   14 186  та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 28,95%, фæстаг 14 боны –  31,5%, фæстаг  7 боны  – 29,7%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   1 548 893    цау, уыдонæй  1 388 534  сæнæниз сты, 15 856  та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 796 876  адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 1 524.

Карантины режимы сты 12 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 5 633, клиникон фысымуаты ис  932  уæнгы.

Знон, 19  февралы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  13 288   ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  21 183   пациент, 51 адæймаг та  амард.