Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 865 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 2 820  пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 865 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 2 820 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  865   ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 2 820   пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 26 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  7 733 адæймагæн, сæ  нымæцы 5 281  антигены тестæй  æмæ   2 452  та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 11,19%,, фæстаг 14 боны –  18,43%,  фæстаг  7 боны  – 15,55%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   1 629 930    цау, уыдонæй  1 570 884  сæнæниз сты, 16 456  та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 827 920  адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 190.

Знон, 8  марты, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  2 783  ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  5 450  пациент, 32 адæймаг та  амард.