Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 858 ног цау сбæрæг ис, 580 пациент та снæниз ис
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 858 ног цау. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Бæстæйы фæстаг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 580 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 14 пациент æрбамард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы, бæстæйы масштабæй басгæрстой 17 271 адæймагы, сæ нымæцы 11 459 басгæрстой антигены тестæй æмæ 5 812 та «PCR» тестæй.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг сты коронавирусæй инфицирады 259 209 цаутæ, уыдонæй 250 289 снæниз сты, 3 208 та амард.
Карантины режимы сты 480 адæймаг, стационары цæстдарды бын 2520, клиникон фысымуаты сты 283 уæнгы.
Афтæма 1 февралы уавæрæй, Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 240 ног цау, снæниз сты 681 пациенты.