Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 838ног цау сбæрæг ис, снæниз ис 1 515  пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 838ног цау сбæрæг ис, снæниз ис 1 515 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  838  ног цау. Уый фæдыл  информаци  хъусын кæны Гуырдзыстоны хицауады  пресс-куыст.

Бæстæйы  фæстæг 48  сахаты мидæг  снæниз ис   ноджы 1 515  пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 26  пациент  амард.

Ивгъуыд 48 сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй иртæст сырæзт 23 081  адæймагæн, сæ  нымæцы –  8 261 антигены тестæй  æмæ   14 820  та – «PCR» тестæй.

Инфицирады бæрæггæнæн у:  3-4 июлы уавæрæй – 3.63%;  фæстæг 14 боны – 2.85 %, фæстæг авд боны – 3.40 %.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   369 886    цау, уыдонæй  355 127 снæниз сты, 5 373  та  амард.

Карантины режимы сты 88  адæймаг, стационары цæстдарды бын – 3 030, клиникон фысымуаты сты – 785   уæнгы.