Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 818 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 783 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 818ног цау. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 783 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 14 пациент амард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй иртæст сырæзт 18 822 адæймагæн, сæ нымæцы, 10 197 антигены тестæй æмæ 8 625 та – «PCR» тестæй.
Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон – 4,35 %, фæстæг 14 боны – 2,98 %, фæстæг авд боны – 3,41 %.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 295 358 цау, уыдонæй 280 915 снæниз сты, 3 939 та амард.
Бæстæйы низы ныхмæ æфтыд у -29 184 адæймаг, æрвылбойнон вакцинаци ацæуынц – 1 530 адæймаг.
Карантины режимы сты 310 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 2 982, клиникон фысымуаты сты 439 уæнгы.