Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 811 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 672 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 811 ног цау. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 672 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 13 пациент амард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй иртæст сырæзт 34 668 адæймагæн, сæ нымæцы – 19 809 антигены тестæй æмæ 14 859 та – «PCR» тестæй.
Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон – 2,34 %, фæстæг 14 боны – 2,54 %, фæстæг авд боны – 2,36 %.
Бæстæйы масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты –– 216 742 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 4 569.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 356 179 цау, уыдонæй 341 775 снæниз сты, 5 096 та амард.
Карантины режимы сты 40 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 2 935, клиникон фысымуаты сты – 599 уæнгы.