Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 8 728 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 8 545 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 8 728 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 8 545 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 43 пациент амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 63 605 адæймагæн, сæ нымæцы – 33 350 антигены тестæй æмæ 30 255 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 13,72%, фæстаг 14 боны – 10,44%, фæстаг 7 боны – 10,93%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 1 015 592 цау, уыдонæй 943 212 сæнæниз сты, 14 555 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 2 632 527 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 9 340.
Карантины режимы сты 43адæймаг, стационары цæстдарды бын – 4 386, клиникон фысымуаты ис 1 896 уæнгы.
Знон, 18 январы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 7 521 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 3 160 пациент, 31 адæймаг та амард.