Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 796  ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 3 291 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 796 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 3 291 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  796   ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 3 291   пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 45  пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  13 441 адæймагæн, сæ  нымæцы –  7 181  антигены тестæй  æмæ   6 260  та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 5,92%, фæстаг 14 боны –  5,49%, фæстаг  7 боны  – 5,67%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   937 640  цау, уыдонæй  900 159 сæнæниз сты, 13 905  та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 495 435  адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 11 720.

Карантины режимы сты 59 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 4 507, клиникон фысымуаты ис  814  уæнгы.

Знон, 1 январы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  2 103  ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  1 553 пациент, 60 адæймаг та  амард.