Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 740 ног цау сбæрæг ис, 496 пациент та сæнæниз ис
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 740 ног цау. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Бæстæйы фæстаг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 496 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 14 пациент æрбамард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй басгæрстой 20 549 адæймагы, сæ нымæцы, 14 802 басгæрстой антигены тестæй æмæ 5 747та – «PCR» тестæй.
Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон – 3,6%, фæстаг 14 боны – 2,9%, фæстаг авд боны – 2,4%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг сты коронавирусæй инфицирады 266 462 цаутæ, уыдонæй 259 228 снæниз сты, 3 377 та амард.
Карантины режимы сты 242 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 1 848, клиникон фысымуаты сты 230 уæнгы.
Афтæма, 15 февралы, Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 165 ног цау, снæниз сты 639 пациенты.