Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 733 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 1 530 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 733 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 1 530 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  733   ног цау. Уый фæдыл  информаци  Гуырдзыстоны хицауады  специалонæй  арызт веб-фарсыл  stopcov.ge  цъус  рæстæг  размæ   ранæуæг ис.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  снæниз ис   ноджы 1 530  пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 20 пациент  амард.

Ивгъуыд 24  сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй иртæст сырæзт 16 972  адæймагæн, сæ  нымæцы –  7 425 антигены тестæй  æмæ   9 547  та – «PCR» тестæй.

Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон – 4,32%,  фæстæг 14 боны – 4,04%, фæстæг авд боны – – 4,21%.

Бæстæйы масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  –– 112 192   адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 2 787.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   337 573  цау, уыдонæй  318 599   снæниз сты, 4 622 та  амард.

Карантины режимы сты 84  адæймаг, стационары цæстдарды бын – 4 152, клиникон фысымуаты сты 669  уæнгы.