Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 723 ног цау сбæрæг ис, 932 пациент та снæниз ис
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 723 ног цау. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Бæстæйы фæстаг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 932 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 19 пациент æрбамард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы, бæстæйы масштабæй басгæрстой 17 850 адæймагы, сæ нымæцы 10 718 басгæрстой антигены тестæй æмæ 7 132 та «PCR» тестæй.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 256 287 цау, уыдонæй 246 459 снæниз сты, 3 127 та амард.
Карантины режимы сты 538 адæймаг, стационары цæстдарды бын 2 770, клиникон фысымуаты сты 346 уæнгы.
Афтæма 27 январы уавæрæй, Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 742 ног цау, снæниз сты 1 081 пациенты.