Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 7 947 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 5 550 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 7 947 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 5 550 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 43 пациент амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 35 082 адæймагæн, сæ нымæцы – 20 608 антигены тестæй æмæ 14 474 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 22,65%, фæстаг 14 боны – 13,08%, фæстаг 7 боны – 16,61%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 1 059 392 цау, уыдонæй 967 585 сæнæниз сты, 14 732 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 2 658 343 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 1 550..
Карантины режимы сты 43 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 4 386, клиникон фысымуаты ис 1 896 уæнгы.
Знон, 23 январы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 9 696 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 5 408 пациент, 28 адæймаг та амард.