Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 7 521 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 3 160 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 7 521 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 3 160 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 31 пациент амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 56 367 адæймагæн, сæ нымæцы – 38 892 антигены тестæй æмæ 17 475 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 13,34%, фæстаг 14 боны – 10%, фæстаг 7 боны – 10,26%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 1 006 864 цау, уыдонæй 934 667 сæнæниз сты, 14 512 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 2 622 459 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 9 290.
Карантины режимы сты 50 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 4 465, клиникон фысымуаты ис 2 050 уæнгы.
Знон, 17 январы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 3 656 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 3 066 пациент, 32 адæймаг та амард.