Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 7 482 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 14 603 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 7 482 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 14 603 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  7 482   ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 14 603   пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 32 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  35 583   адæймагæн, сæ  нымæцы –  21 538  антигены тестæй  æмæ 14 045 та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 21,03%, фæстаг 14 боны –  28,49%, фæстаг  7 боны –   25,38%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   1 591 936  цау, уыдонæй  1 462 572   сæнæниз сты, 16 054  та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 811 285  адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 2 532.

Карантины режимы сты 4  адæймаг, стационары цæстдарды бын – 5 020, клиникон фысымуаты ис  599 уæнгы.

Знон, 24 февралы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  8 455    ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  18 206  пациент, 41  адæймаг та  амард.