Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 662 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 3 534 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 662 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 3 534 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  662  ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд у   Гуырдзыстоны  низты контролы националон центр.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 3 534  пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 34  пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй иртæст сырæзт 12 503  адæймагæн, сæ  нымæцы –  6 912 антигены тестæй  æмæ   5 591 та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 5,29%, фæстаг 14 боны –  7,14%, фæстаг  7 боны – 6,91%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   595 926  цау, уыдонæй  563 530  сæнæниз сты, 8 575 та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  – 1 655 040  адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 7 720.

Карантины режимы сты 39 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 5 445, клиникон фысымуаты сты 1 036 уæнгы.

19  сентябры,  Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  1 501   ног цау, сæнæниз ис   ноджы 1 954  пациент, 43  пациент та амард.