Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 6 208 ног цау сбæрæг ис, снæниз ис 3 539 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 6 208 ног цау.
Уый фæдыл информаци хъусын кæны низты контролы националон центр.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 3 539 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 47 пациент амард.
Веб-фарс stopcov.ge –ы бæрæггæнæнтæй, ивгъуыд 24 сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй тестæй иртæст сырæзт 47 872 адæймагæн, сæ нымæцы – 33 873 антигены тестæй æмæ 13 999 та – «PCR» тестæй.
Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон 12,97%, фæстæг 14 боны – 10,63%, фæстæг авд боны – 11,14%.
Бæстæйы масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты – 831 815 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 25 083.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 490 462 цау, уыдонæй 429 190 снæниз сты, 6 483 та амард.
Карантины режимы сты 79 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 6 965, клиникон фысымуаты сты – 3 481 уæнгы.