Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 58 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 213 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 58 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 213 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  58 ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 213 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын  иу  пациент дæр нæ амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  4 243  адæймагæн, сæ  нымæцы – 3 179 антигены тестæй  æмæ   1 064  та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 1,37%,, фæстаг 14 боны –  1,18%,  фæстаг  7 боны  – 1,14%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады  1 654 313  цау, уыдонæй  1 636 004  сæнæниз сты, 16 800 та  амард.

Станционары  дохтырты  цæстдарды бын хос кæнынц  321 пациентæн.

Знон, 24  апрелы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  92 ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  241, æртæ  адæймаг та  амард.