Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 546 ног цау сбæрæг ис, 1 456 пациент та снæниз ис
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 546 ног цау сбæрæг ис. Уый фæдыл информаци хъусын кæны хицауады пресс-куыст.
Бæстæйы фæстаг 24 сахаты коронавирусæй 1 456 адæймаг сæнæниз ис. Фæстаг æхсæв-боны мидæг коронавирусæй рынчын 17 пациент æрбамард.
Фæстаг 24 сахаты дæргъы, бæстæйы сарызтой 11 248 тесты, сæ нымæцы антигены цырд тестæй – 4979, «PCR» тестæй та – 6 269.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 253 518 цау, уыдонæй 242 085 снæниз сты, 3 055 та амард.
Ацы этапыл, инфицирады цæугæ активон цауты нымæц у 8 352, кæцытæй 3 272 адæймаг хос кæнынц рынчындæтты. Уæззау пациенттыл нымад цæуынц 697, сæ нымæцы улæфæн аппаратыл иугонд сты 195 адæймаг. 443 адæймаг сты ковид-фысымуæтты. 4 637 гоймаг та вирусæн хос кæныны курс уадзынц хæдзары уæвгæйæ.
Карантины тыгъдады сты 511 адæймаг. Хиизоляцийы 20 443.