Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 544 ног цау сбæрæг ис, 469 пациент та снæниз ис
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 544 ног цау. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Бæстæйы фæстаг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 469 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 5 пациент æрбамард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй басгæрстой 18 244 адæймагы, сæ нымæцы, 11 615 басгæрстой антигены тестæй æмæ 6 629 та – «PCR» тестæй.
Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон – 2,98, фæстаг 14 боны – 3,64%, фæстаг авд боны – 3,41%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг сты коронавирусæй инфицирады 263 601 цаутæ, уыдонæй 255 385 снæниз сты, 3 311 та амард.
Карантины режимы сты 421 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 2 094, клиникон фысымуаты сты 316 уæнгы.
Афтæма, 9 февралы, Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 829 ног цау, снæниз сты 566 пациенты.