Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 537 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 128 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 537 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 128 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  537  ног цау. Уый фæдыл  информаци  Гуырдзыстоны хицауады  специалонæй  арызт веб-фарсыл  stopcov.ge  цъус  рæстæг  размæ   ранæуæг ис.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  снæниз ис   ноджы 128   пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 8  пациент  амард.

Ивгъуыд 24  сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй  басгæрстой   29 652  адæймагы, сæ  нымæцы,  22 203 антигены тестæй  æмæ   7 449 та – «PCR» тестæй.

Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон – 1,81%,  фæстæг 14 боны – 1,52%, фæстæг авд боны – 1,45%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   275 685 цау, уыдонæй  268 693  снæниз сты, 3 658 та  амард.

Карантины режимы сты 206  адæймаг, стационары цæстдарды бын – 1 376, клиникон фысымуаты сты 133 уæнгы.