Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 528  ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 299 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 528 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 299 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  528  ног цау. Уый фæдыл  информаци  Гуырдзыстоны хицауады  специалонæй  арызт веб-фарсыл  stopcov.ge  цъус  рæстæг  размæ   ранæуæг ис.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  снæниз ис   ноджы 299   пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 4 пациент  амард.

Ивгъуыд 24  сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй иртæст сырæзт   20 903  адæймагæн, сæ  нымæцы,  14 296  антигены тестæй  æмæ   6 607 та – «PCR» тестæй.

Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон – 2,53%,  фæстæг 14 боны – 1,61%, фæстæг авд боны – 1,82%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   278 178  цау, уыдонæй  270 668 снæниз сты, 3 714 та  амард.

Карантины режимы сты 203  адæймаг, стационары цæстдарды бын – 1 467, клиникон фысымуаты сты 179  уæнгы.