Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 522 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 1 074 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 522 ног цау. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 1 074 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 14 пациент амард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй иртæст сырæзт 21 922 адæймагæн, сæ нымæцы – 11 016 антигены тестæй æмæ 10 906 та – «PCR» тестæй.
Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон – 2,38 %, фæстæг 14 боны – 2,61 %, фæстæг авд боны – 2,29 %.
Бæстæйы масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты –– 206 742 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 4 425.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 353 965 цау, уыдонæй 339 392 снæниз сты, 5 048 та амард.
Карантины режимы сты 41 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 3 155, клиникон фысымуаты сты 610 уæнгы.