Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 521 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 911 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 521 ног цау. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 911 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 12 пациент амард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй иртæст сырæзт 18 737 адæймагæн, сæ нымæцы – 9 329 антигены тестæй æмæ 9 408 та – «PCR» тестæй.
Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон – 2,78%, фæстæг 14 боны – 2,46%, фæстæг авд боны – 2,66%.
Бæстæйы масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты –– 233 488 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 3 583.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 358 881 цау, уыдонæй 344 748 снæниз сты, 5 160 та амард.
Карантины режимы сты 44 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 2 762, клиникон фысымуаты сты – 589 уæнгы.