Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 521 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 1 058 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 521 ног цау. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 1 058 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 18 пациент амард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй иртæст сырæзт 11 226 адæймагæн, сæ нымæцы, 3 463 антигены тестæй æмæ 7 763 та – «PCR» тестæй.
Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон – 4,64%, фæстæг 14 боны – 4,03%, фæстæг авд боны – 4,51%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 304 272 цау, уыдонæй 287 029 снæниз сты, 4 043 та амард.
Бæстæйы низы ныхмæ æфтыд у – 38 553 адæймаг, æрвылбойнон вакцинаци ацæуынц – 963 адæймаг.
Карантины режимы сты 227 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 3 676, клиникон фысымуаты сты 727 уæнгы.