Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 513 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 96 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 513 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 96 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  513  ног цау. Уый фæдыл  информаци  Гуырдзыстоны хицауады  специалонæй  арызт веб-фарсыл  stopcov.ge  цъус  рæстæг  размæ   ранæуæг ис.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  снæниз ис   ноджы 96   пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы  12  пациент  амард.

Ивгъуыд 24  сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй  басгæрстой   22 127 адæймагы, сæ  нымæцы,  14 103 антигены тестæй  æмæ   8 024  та – «PCR» тестæй.

Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон – 2,32 %,  фæстæг 14 боны – 1,5 %, фæстæг авд боны – 1,83 %.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   273 650 цау, уыдонæй  267 111    снæниз сты, 3 613 та  амард.

Карантины режимы сты 243  адæймаг, стационары цæстдарды бын – 1 342, клиникон фысымуаты сты 111  уæнгы.