Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 509 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 1 200 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 509 ног цау. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 1 200 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 12 пациент амард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй иртæст сырæзт 7 476 адæймагæн, сæ нымæцы – 3 111 антигены тестæй æмæ 4 365 та – «PCR» тестæй.
Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон – 6,81%, фæстæг 14 боны – 5%, фæстæг авд боны – 5,6%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 312 954 цау, уыдонæй 294 252 снæниз сты, 4 163 та амард.
Карантины режимы сты 89 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 4 114, клиникон фысымуаты сты 790 уæнгы.