Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 504 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 2038 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 504 ног цау. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 2 038 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 27 пациент амард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй иртæст сырæзт 11 665 адæймагæн, сæ нымæцы – 6 137 антигены тестæй æмæ 5 528 та – «PCR» тестæй.
Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон – 4,32 %, фæстæг 14 боны – 4,9 %, фæстæг авд боны – 3,84 %.
Бæстæйы масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты – 89 260 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 738.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 330 879 цау, уыдонæй 310 859 снæниз сты, 4 469 та амард.
Карантины режимы сты 67 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 4 395, клиникон фысымуаты сты 657 уæнгы.