Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 504  ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 1 201 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 504 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 1 201 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  504  ног цау. Уый фæдыл  информаци  Гуырдзыстоны хицауады  специалонæй  арызт веб-фарсыл  stopcov.ge  цъус  рæстæг  размæ   ранæуæг ис.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  снæниз ис   ноджы 1 201  пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 17 пациент  амард.

Ивгъуыд 24  сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй иртæст сырæзт 18 288 адæймагæн, сæ  нымæцы –  8 505 антигены тестæй  æмæ   9 783  та – «PCR» тестæй.

Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон – 2,76 %,  фæстæг 14 боны – 2,92 %, фæстæг авд боны – 2,99 %.

Бæстæйы масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  –– 172 216  адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 4 884.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   349 098  цау, уыдонæй  333 505  снæниз сты, 4 910 та  амард.

Карантины режимы сты 25  адæймаг, стационары цæстдарды бын – 3 418, клиникон фысымуаты сты 630 уæнгы.