Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 5 ног цау рабæрæг ис, ноджы цыппар пациент снæниз ис
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 5 ног цау рабæрæг ис, ноджы цыппар пациент снæниз ис. Уый фæдыл информаци публикацигонд у Гуырдзыстоны низты контролы националон центры фейсбукы фарсыл.
Фæнысангонд бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 1341 цау. Сæнæниз ис ноджы цыппар пациент – æмтгæй райсгæйæ, чи сæнæниз ис, уыцы пациентты нымæц у 1092.
Афтæма, фæсарæнтæй хоскæнынмæ Гуырдзыстонмæ æрластой 41 æмбæстагы.
Коронавирусæй инфицирады аххосæй бæстæйы фæмард 17 пациент. Карантины режимы сты 7082 æмбæстаг.