Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 5 596 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 2 946 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 5 596 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 2 946 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 47 пациент амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 58 109 адæймагæн, сæ нымæцы – 34 115 антигены тестæй æмæ 23 994 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 9,63%, фæстаг 14 боны – 8,51%, фæстаг 7 боны – 9,79%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 973 909 цау, уыдонæй 919 367 сæнæниз сты, 14 311 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 2 577 637 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 10 688.
Карантины режимы сты 83 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 4 418, клиникон фысымуаты ис 1 958 уæнгы.
Знон, 11 январы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 5 486 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 2 893 пациент, 46 адæймаг та амард.