Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 5 486 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 2 893 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 5 486 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 2 893 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 46 пациент амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 57 546 адæймагæн, сæ нымæцы – 39 284 антигены тестæй æмæ 18 262 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 9,53%, фæстаг 14 боны – 8,1%, фæстаг 7 боны – 9,63%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 968 313 цау, уыдонæй 916 421 сæнæниз сты, 14 264 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 2 565 599 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 10 881.
Карантины режимы сты 69 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 4 431, клиникон фысымуаты ис 1 801 уæнгы.
Знон, 10 январы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 3 842 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 1 085 пациент, 31 адæймаг та амард.