Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 5 352 ног цау сбæрæг ис, снæниз ис 2 635 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 5 352 ног цау. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 2 635 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 48 пациент амард.
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй тестæй иртæст сырæзт 50 430 адæймагæн, сæ нымæцы – 30 564 антигены тестæй æмæ 19 866 та – «PCR» тестæй.
Инфицирады бæрæггæнæн у: æрвылбойнон 10,61%, фæстæг 14 боны – 9,33%, фæстæг авд боны – 10,27%.
Бæстæйы масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты – 688 940 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 23 935.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 461 198 цау, уыдонæй 409 110 снæниз сты, 6 230 та амард.
Карантины режимы сты 53 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 6 578, клиникон фысымуаты сты – 3 238 уæнгы.