Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 5 085 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 4 428 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 5 085 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 4 428 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 62 пациент амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 51 440 адæймагæн, сæ нымæцы – 36 162 антигены тестæй æмæ 15 278 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у 9,89%, фæстаг 14 боны – 9,11%, фæстаг 7 боны 8,97%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 819 182 цау, уыдонæй 759 657 сæнæниз сты, 11 615 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 2 107 467 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 9 594.
Карантины режимы сты 58, адæймаг, стационары цæстдарды бын – 6 588, клиникон фысымуаты сты 1 103 уæнгы.