Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 5 021 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 5 041 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 5 021 ног цау. Уый фæдыл информаци хъусын кæны низты контролы националон центр.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 5 041 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 58 пациент амард.
Веб-фарс stopcov.ge–ы бæрæггæнæнтæй, ивгъуыд 24 сахаты дæргъы бæстæйы масштабæй тестæй иртæст сырæзт 53 747 адæймагæн, сæ нымæцы – 33 312 антигены тестæй æмæ 20 435 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстæг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 9,52%, фæстаг 14 боны – 10,84%, фæстаг 7 боны – 10,57%.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты – 101 0096 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 28 196.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 528 043 цау, уыдонæй 463 306 сæнæниз сты, 6 949 та амард.
Карантины режимы сты 95 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 7 356, клиникон фысымуаты сты – 3 304 уæнгы.